Иугонд электронон базӕ: куыд цӕуы Хуссар Иры юстицийы министрады реформӕ

Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад фарон ауагъта паддзахадон регистраци, кадастр ӕмӕ картографийы службӕйы реформӕ. Реформӕйы нысаниуӕг у саразын иугонд электронон базӕ, цы ранмӕ бахӕссынц бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕ ӕвӕрд сты уагдоны архивты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Паддзахадон регистраци, кадастр ӕмӕ картографийы службӕйы реформӕйы кӕронбӕттӕн мадзал уыд юстицийы министрады архивы цалцӕг, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

"Раздӕр архивы кусджытӕ архайдтой чысыл кабинеты документты цур. Цалцӕггӕнӕн куыстыты фӕстӕ архивы кусджытӕ архайдзысты хорз уавӕрты ӕмӕ ног системӕмӕ гӕсгӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма реформӕйы фӕстӕ техникон инвентаризацийы бюройы бӕрӕггӕнӕнтӕ иууылдӕр рахиздзысты паддзахадон регистрацийы службӕмӕ.

Хуссар Иры фӕзынд ног бӕрӕгбон

"Паддзахадон регистрацийы информаци бавӕрыны фӕдыл сараздзысты иугонд электронон базӕ дӕр, цы ранмӕ бахӕсдзысты бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕ ӕвӕрд сты юстицийы министрады архивты", - банысан кодтой уагдоны.

Масштабон реформӕйы руаджы Хуссар Ирыстоны районты фӕзындзӕн юстицийы министрады хайадтӕ. Ӕнӕзмӕлгӕ мулк кӕй бафӕнда срегистраци кӕнын, уыдоны ныр нал хъӕудзӕн цӕуын Цхинвалмӕ.

Ацы аз февралы юстицийы министрад фехъусын кодта уагдоны реформӕ ауадзыны тыххӕй, ивындзинӕдтӕ бахастой барадон ӕмӕ уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕтӕм, афтӕ ма паддзахадон регистраци, кадастр ӕмӕ картографийы службӕмӕ.