Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

Тасойты Иналы (Коммунист) номыл ногдзауты къорд бафснайдтой Цхинвалы мемориалон уӕлмӕрд ӕмӕ 90-ӕм азты хӕсты хъайтары кӕрты ныссагътой дидинты "мысӕн клумба"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы Хуссар Иры Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтар Тасойты Иналы (Коммунист) номыл ногдзауты къорд бафснайдта скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрд дыццӕджы. Фӕсивӕды къорд ӕрӕмных кодтой сӕ ӕфснайӕн акци зӕххы бонмӕ, фехъусын кодта Sputnik къорды разамонӕг Бежанты Манана.

Ирыстоны хъайтар Тасойты Иналы хӕдзарыл бакодтой мемориалон фӕйнӕг

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты хъайтар Тасойты Инал (Коммунист) зӕххон цардӕй ӕвзонгӕй ахицӕн, фӕлӕ йӕхицӕн скодта ӕнусон ном. Цхинвалы цы уынгыл цард, уый хӕссы йӕ ном. Йӕ хӕдзарыл та йын 2016 азы бакодтой мемориалон фӕйнӕг йӕ хуызистимӕ. Уый активон хайад иста райгуырӕн бӕстӕ гуырдзиаг фашисттӕй бахъахъхъӕныны хъуыддаджы. 1991 азы цыппурсы Гуырдзыстоны ӕфсад куы ӕрбабырстой Цхинвалмӕ, уӕд уыцы тохты Коммунист ссардта йӕ мӕлӕт, бавӕрдтой йӕ фӕндзӕм скъолайы кӕрты.

Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

"Махӕн нӕ ногдзауты къорд хӕссы Тасойты Иналы (Коммунист) ном. Архайӕм цӕмӕй Инал цы Ирыстонӕн снывонд кодта йӕ цард, уымӕн аккаг фӕлтӕртӕ схъомыл кӕнӕм. Йӕ ныййарӕг мад ис къорды хъусдарды бын. Ивгъуыд къуыри та сын сӕ хӕдзары раз ныссагътам дидинты "мысӕн клумба", кӕцы дидин калдзӕн фӕззӕгмӕ, абон та бафснайдтам Инал йеʻнусон бынат цы мемориалон уӕлмӕрды ссарда, уый", - загъта ахуыргӕнӕг.

Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

Уый ма багысан кодта, ахӕм акцитӕй канд зынгхуыст хъайтарты ном нӕ мысынц, фӕлӕ ма рӕзгӕ фӕлтӕрты сӕ хъӕбартырдзинадимӕ зонгӕ кӕнынц, дӕттынц сын патриотикон хъомылад дӕр.

"Мах абон сабыр арвы бын цӕрӕм Коммунист ӕмӕ ӕндӕр хъӕбатыр лӕппуты фӕрцы. Цалынмӕ сын сеʻсуыхтдзинӕдтӕ зоной кӕстӕртӕ, уӕдмӕ уыдон дӕр цӕрдзысты", - бафтыдта уый.

Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы Коммунисты номыл ногдзауты къорд конд у 5 – В къласы ахуырдзаутӕй, къухдариуӕгад йын кӕнынц Бежанты Манана ӕмӕ Гӕбӕраты Екатерина.