Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады

Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей тох кӕндзысты уӕлахиздзауы нӕмттыл, стӕй ма дунейон ӕмӕ европӕйаг ерыстӕм балцӕгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕсты ӕмбырдгонды сконды стох кӕндзысты дыууӕ цхинвайлаг богалы Уӕрӕсейы фыццагады, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады сайт.

Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады

Ерысты Хуссар Ирӕй архайдзӕн Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей.

"Ӕмткӕй Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды сконды ис 19 богалы, уыдон тох кӕндзысты 7 уӕзы категорийы. Иууыл стырдӕр уӕз – 110 килограммы Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты ӕртӕ лӕппу, се хсӕн тренер Коцты Тамерланы хъомылгӕнинӕгтӕ - Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы фыццагад райдыдта Иркутскы, 23 апрелы. Турнир ӕрӕмбырд кодта 2002-2003 ӕзты гуырд тыхджындӕр богалты. Тохтӕ цӕудзысты уӕлахиздзауы нӕмттыл ӕмӕ дунейон ӕмӕ европӕйаг ерыстӕм балцӕгтыл.

Ерыстӕ балхынцъ уыдзысты 25 апрелы.

Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады