Бибылты Анатолий арӕзтады ӕрмӕджыты заводы директорӕн: сымах хӕссут стыр бӕрн

Балцы рӕстӕджы куыстуаты разамонӕг радзырдта президентӕн заводы продукци ӕмӕ кондады бӕрцуаты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Заводы директор Тедеты Сослан радзырдта президентӕн заводы продукци, кондады бӕрцуат ӕмӕ ног фадӕтты тыххӕй.

"Мах аразӕм тротуарон плиткӕ, арӕзтадон блоктӕ, бордюртӕ ӕмӕ ӕндӕр арӕзтадон ӕрмӕджытӕ. Ныртӕккӕ блоктӕ ласӕм Цхинвалы сабидоны арӕзтадмӕ, нӕ бордюртӕй та нын пайда кӕнынц сабидоны цур уынгты хӕрзарӕзтады рӕстӕджы. Афтӕ ма нӕм вӕййы стыр заказтӕ Энергоресурсӕй", - фехъусын кодта Тедеты Сослан.

Бибылты Анатолий арӕзтады ӕрмӕджыты заводы директорӕн: сымах хӕссут стыр бӕрн

Бибылты Анатолий банысан кодта заводы стыр ахсджиагдзинад Инветспрограммӕйы реализацийы.

"Уӕ куыстимӕ баст у Инвестпрограммӕйы объекттыл куыстыты ӕмгъуыд ӕмӕ гъӕд. Сымах хӕссут стыр бӕрн", - бахахх кодта президент.

Бибылты Анатолий арӕзтады ӕрмӕджыты заводы директорӕн: сымах хӕссут стыр бӕрн