Хуссар Ирмӕ фӕнд кодтой ӕрбаласын ракетон комплексы хӕйттӕ

Комплексы хӕйттӕ ссардтой "Камаз" хӕдтулгӕйы басгӕрсты рӕстӕджы таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik. Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ танкӕты ныхмӕ ракетон комплексты хӕйтты ӕрбаласт нӕ бауагътой Цӕгат Ирыстоны таможнӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы кусджытӕ, хъусын кӕны дыццӕджы Цӕгат-Ирыстоны таможнӕйы пресс-службӕ.

"Уӕрӕсейы ӕмбӕстаг фӕнд кодта аласын бӕстӕйӕ танкӕты ныхмӕ ракетон комплексы дыууӕ хайы таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" уылты. Комплексы хӕйттӕ ссардтой "Камаз" хӕдтулгӕйы басгӕрсты рӕстӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирмӕ фӕнд кодтой ӕрбаласын ракетон комплексы хӕйттӕ

Хӕцӕнгарзы ӕнӕзаконон ласын хауы уӕззау фыдракӕндтӕм. Таможнӕйы кусджытӕ ацы цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.