Хуссар Иры фӕстауӕрцон электрондыхы хахх гӕнӕн ис ауадзой Ручъы тоннелы уылты

Хуссар Ирыстоны электроифтонгад ӕмӕ республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ социалон-экономикон райрӕзты фарстытыл ӕрдзырдтой Цхинвалы рабадты рӕстӕджы, кӕцы ацыд президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиевы къухдариуӕгады бын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik. Уӕрӕсейы энергетикӕйы министрад гӕнӕн ис ауадза электрондыхы хахх Ручъы тоннелы шахтӕйы уылты, цӕмӕй Хуссар Ирыстонмӕ иудадзыг цӕуа электроэнерги. Уый тыххӕй фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг  Рашид Нургалиев уӕрӕсейаг ӕхсӕнуагдонон кусӕгон къорд ӕмӕ Хуссар Ирыстоны министрадты разамонджыты рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.

Ӕхсӕнуагдонон къорд Рашид Нургалиевы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ ӕртӕбонон кусӕгон балцы. Уӕрӕсейаг делегацийы сконды сты Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрад, УУМ, транспорты министрад, энергетикӕйы министрад, хъӕууон хӕдзарады министрад ӕмӕ Россельхознадзоры минӕвӕрттӕ. Къорды хӕслӕвӕрдтӕм хауы аскъуыддзаг кӕнын фарстытӕ, кӕцытыл амӕйразмӕ ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин.

Хуссар Иры фӕстауӕрцон электрондыхы хахх гӕнӕн ис ауадзой Ручъы тоннелы уылты

"Махмӕ ис хъӕппӕристӕ, куыд сӕххӕст кӕнӕм Хуссар Ирыстоны ӕнӕсцух электроифтонгад уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы. Ацы куыст ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы президенты фӕдзӕхстты фӕлгӕтты", - загъта Рашид Нургалиев.

Афтӕ ма Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг банхъардта ӕркӕсын Зонкъары донвӕрӕнӕй пайда кӕныны варианттӕм.

Рабадтыл ма ӕрдзырдтой хъӕуууон хӕдзарады райрӕзты фадаттыл.

"Ахсджиаг у саразын донвӕрӕнтӕ Абреу, Орчъосан ӕмӕ Цъинагары хъӕуы цур. Уый тыххӕй ӕмӕ Гуырдзыстон сӕхгӕдта Тиропоны канал ӕмӕ нӕ уадзы дон ацы хъӕутӕм. Уыдон сты хъӕздыг зӕххытӕ, сӕ цӕрджытӕ та куыстуарзӕг", - загъта президент.

Хуссар Иры фӕстауӕрцон электрондыхы хахх гӕнӕн ис ауадзой Ручъы тоннелы уылты

Афтӕ ма рабадты хайадисджытӕ ӕрныхас кодтой РХИ ӕмӕ УФ тыхон структурӕты ӕмархайдыл.

Ӕхсӕнуагдонон къорд кусдзӕн Хуссар Ирыстоны ӕртӕ боны дӕргъы, уый фӕстӕ рахӕсдзысты хъӕппӕристӕ проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл.