ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik. Хицауады сӕрдары хӕдивӕг, экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий банысан кодта, хуссарирыстойнаг делегацийы хайадист Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы радта бирӕ фадаттӕ республикӕйӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
"Нӕ делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы бафыста цалдӕр ахсджиаг бадзырды, кӕцыты фӕрцы райтынг уыдзысты ахастытӕ Республикӕ Хъырымимӕ базарадон-экономикон, зонадон-техникон, культурон ӕмӕ ахуырадон фадгуыты", - банысан кодта хицауады сӕрдары хӕдивӕг.
Бекъойты Геннадий банысан кодта пайдаджын ныхас ДАР, ЛАР, Сири, Итали ӕмӕ Африкӕйы кусӕгон ӕмбаладты минӕвӕрттимӕ. Афтӕ ма уый бафтыдта, зӕгъгӕ, форумы рӕстӕджы аскъуыддзаг кодтой саразын Хъырымы хуссарирыстойнаг базарадон хӕдзар, цы ран бавдисдзысты республикӕйы сӕудӕджерадон продукци иууылдӕр.
Вице-премьер банысан кодта, ацы аз форум кӕй ӕрӕмбырд кодта фылдӕр хайадисджыты ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форум ссис тынг ахсджиаг.
"Мах федтам зӕрдӕхӕлар Хъырым, банысан кодтам йӕ стыр экономикон потенциал, радзырдтам Хуссар Ирыстоны фадӕтты тыххӕй ӕмӕ сбӕрӕг кодтам ӕмгуыстад сфидар кӕныны нывӕзтытӕ", - бафтыдта Бекъойты Геннадий.
Ялтайы экономикон форум уагъд цӕуы ӕрвылаз 2015 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы аз форум уагъд цыд 18-20 апрелы. Мадзал бабӕрӕг кодтой ӕртӕ мин хайадисӕджы дунейы 100 бӕстӕйӕ.