Дзӕуджыхъӕуы райдыдтой цалцӕг кӕнын фӕндӕгтӕ

Цӕгат Ирыстоны столицӕйы райдыдтой фӕндагон нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ къахвӕндӕгты хӕрзарӕзтады куыстытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 2019 азы сцалцӕг кӕндзысты 30 фӕндаджы, хъусын кӕны Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хӕдразамынады администраци.

Дзӕуджыхъӕуы улӕфт бонты байгом уыдзӕн куадзӕнон армукъа

Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ныридӕгӕн райдыдтой фӕндагон нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ къахвӕндӕгты хӕрзарӕзтады куыстытӕ. Ацы сезоны куыстыты нывӕзтмӕ бахаудтой Доваторы проспект, Цоколаты Геннадий, Калинин ӕмӕ Барабашовайы уынгты.

"Нардуатон организацитимӕ бадзырдтӕ бафыссӕм фондз азмӕ. Асфальт уыцы рӕстӕгмӕ куы фехӕла, уӕд фӕндаг сцалцӕг кӕндзӕн нардуатон организаци йӕхи фӕрӕзтӕй", - банысан кодта Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хӕдразамынады администрацийы сӕргълӕууӕг Ӕлбегаты Борис.

Пресс-службӕйы ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, арӕзтадон ӕрмӕджытӕ иууылдӕр басгӕрстой лабораторон уавӕрты.