Фыдбылызтæ сурӕг: Цхинвалы банысан кодтой Артгæнæнтæ

Sputnik

Ӕртыццӕджы ӕхсӕв Цхинвалы хицӕн районты скодтой ӕртытӕ. Суг, пыхстытӕ ӕмӕ цӕлхыты арты сӕрты фӕсивӕд архайдтой агӕпп кӕнын.  

Ирон адæмы  рагзамантæй фӕстӕмӕ уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй-иу Куадзӕны размӕ Ӕртыццӕджы ӕхсӕв банысан кодтой Артгӕнӕнтӕ.

Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта, ныр мадзал организаци кӕнын сӕхимӕ райстой сывӕллӕттӕ. Къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ, кӕцыты сабитӕ къуыри раздӕр райдайынц ӕмбырд кӕнын.

 

1 / 8
Ирон адæмы уырны, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ.
2 / 8
Суг, пыхстытӕ ӕмӕ цӕлхыты арты сӕрты фӕсивӕд ӕмӕ сабитӕ архайдтой агӕпп кӕнын.
3 / 8
Районтӕ ерыс кӕнынц чи стырдӕр арт скӕна, уым
4 / 8
Цхинвалы банысан кодтой Артгæнæнтæ.
5 / 8
Артгæнæнтæм ракодтой чысыл сабиты дӕр
6 / 8
Харебаты Исахъы уынджы цӕрджытӕ
7 / 8
Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта -къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ
8 / 8
Джиоты Аланы проспектыл арт