Контрабандист фӕнд кодта аласын тамакотӕ Хуссар Ирӕй Уӕрӕсемӕ

Арӕн хъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Уӕрӕсейы ӕмбӕстаджы контрабандон тамакотимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн арӕны уылты фӕнд кодтой аласын контрабандон тамакотӕ, кӕцыты иумӕйаг суммӕ уыд дыууӕ милуан сомы бӕрц, хъусын кӕны ПТРК "Алания" Цӕгат Ирыстоны арӕнгӕрон хайады пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

"Мерседес" тамакойы 8 мин пачкӕимӕ фӕнд кодта ахизын Хуссар Иры арӕн

"Омега" маркӕ тамакоты цыппар мин блокӕй фылдӕр фӕнд кодта аласын Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсейы 54-аздзыд ӕмбӕстаг. Тамакотӕ уыдысты ӕвӕрд автотранспорты ӕмбӕхсӕн бынӕтты.

Нӕлгоймаджы фӕдыл процессуалон скъуыддзаг рахӕсдзысты таможнӕйы кусджытӕ.