Фӕндаг Кувӕндонмӕ: Цхинвалы сарӕзтой асинтӕ Згъудеры аргъуанмӕ

Кувӕн бынатмӕ кӕны 184 къахлæууæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы скӕсӕн фарс Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуанмӕ кӕронмӕ бахӕццӕ асинты арӕзтад. Горӕтӕй Кувӕндоны къуылдыммӕ кӕнынц хӕзвадат асинтӕ, фӕстӕдӕр сӕ цуры фӕзындзысты рухсытӕ ӕмӕ бандӕттӕ.

Зӕронд асинтӕ, кӕцыты сарӕзтой советон дуджы, нал бӕззыдысты.

Арӕзтад райдыдта марты, хӕрзаудӕн проекты инициатортӕ фыццаг цы нывӕндытой, уыцы куыстытӕ хъавынц баххӕст кӕнын хӕрзарӕстадӕй.

"Кувӕн бынатмӕ кӕны 184 къахлæууæн, сӕ фӕрстыл ацыд æнцойгæнæнтӕ, уыдон ахурӕм абон. Цы хъавыдыстӕм саразын,уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодтам, фӕлӕ ма нӕ бафӕндыд асинты фӕрстыл сӕвӕрын рухсытӕ, кувӕндоны цур ӕмӕ йӕм ӕрдӕгфӕндагыл сӕвӕрын бандӕттӕ", - радзырдта Sputnik арӕтады инициатортӕй иу Гӕбӕраты Ацӕмӕз.

Сӕхи фӕрӕзтӕй: Цхинвалы ӕртӕ цӕрӕджы аразынц ног асинтӕ Згъудеры аргъуанмӕ

Уый ма радзырдта, уӕлӕмхасӕй ма сӕ саразын цы бафӕнда, уыдон та баххӕст кӕндзысты куадзӕны фӕстӕ.

Хӕрзаудӕн проекты инициатортӕ сты – Гӕбӕраты Ацӕмӕз, Дыгъуызты Батрадз ӕмӕ Цхуырбаты Инал

Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуан сарӕзтӕуыд XVII ӕнусы ӕмӕ ис Цхинвалы скӕсӕны фарс Згъудеры къуылдымыл.