Ирон æвзаг - ирон удты цæрæнбон, "Ирон фæндыр"-ирон зæрдæты цагъд

2019 аз Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы барамындмӕ гӕсгӕ расидтысты Къостайы азӕй. Sputnik Хуссар Ирыстоны колумнист Дриаты Лейла бацымыдис кодта, куыд зонгӕ сты йӕ сфӕлдыстадимӕ фӕсивӕд.
Sputnik

Дриаты Лейла

Къостайы уацмыстæ уæле - исгæ, бынæй - ахадгæ сты. Цалфæнды хатты сæ бакæс, - фендзынæ сæ ногдзинад, кæй никуы фехъуыстай, ахæм диссаг.

Хетӕгкаты Къоста æнусы 'рдæг дæр нæ рацард. Нал ын бантыст бирæ хъуыддæгтæ: йæ хæдзар æрдæг арæзтæй баззад, йæ уарзон чызг - куырдуаты, йе скъола - æхгæдæй. Фæлæ йе 'ппæт сфæлдыстадæй абон дæр лæггад кæны Иры дзыллæтæн, рухс кæны фæлтæрты фæндæгтæ амонд æмæ рæстдзинадмæ, кад æмæ намысмæ.

Дзӕуджыхъӕуы рацыд Къостайы æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" 105 æвзагмӕ ивдӕй

Нæ адæмы `хсæн йæ ном ныры онг куыд ахсджиаг у, Къостайы тыххæй ныры фæсивæд цы зонынц, уый базонын нæ бафæндыд æмæ йæ сбæрæг кодтам чысыл æрфарстæй. Се `хсæн, Хетæджы фыртæн стыр кад чи кæны, ахæмтæ разынд.

"Кавказаг адæмтæ бирæ таурæгътæ, бирæ æнкъард зарджытæ сарæзтой сæ уæззау цардыл. Зæрдæ ныккӕрзы уыдонмæ хъусгæйæ. Фæлæ дзы Къостайы хуызæн йæ зарджытæй хæхтæй бæрзонддæр ничи схызт. Æмæ уыцы бæрзондæй ничи федта адæмы хъыгтæ æмæ цæссыгтæ", - загъта Гасситы Антон.

"Ирон литературæйы бындурæвæрæг, поэт, драматург, публицист, нывгæнæг. Цы нæ къабазмæ-иу нæ бавнæлдтаид Къоста, алы ран дæр дзы ныууагъта зынгæ æмæ ахадгæ фæд. Ирон адæммæ иу æрыгон поэт кæнæ фыссæг дæр нæй, æмæ Къостайы уацмыстыл чи нæ ахуыр кодта", - дзуры Хъуылымбегты Виктория

Нæхи Къоста: соцхызæгтæ рабæрæг кодтой хуыздæр кæсджыты

"Къоста фæрыст дзыллæты рисæй, уый нæ бафæллад сæ амондыл тохы. Ахæм адæймагæн та нæй мæлæт! Къоста баззад æнустæм цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты, зонды, хъуыдыты æмæ бæллицты", - банысан кодта Гӕбӕраты Мӕдинӕ.

Хъыгагæн, Къостайы сфæлдыстад абоны фæлтæр афтæ хорз нал зонынц.

Кæй фарстам, уыдоны `хсæн разынд ахæмтæ, æмæ сæ бон дыууæ ныхасы дæр Къостайы тыххæй бабæттын кæмæн нæ баци. Худинаг у, дæ риу хойгæйæ "ирон дæн", зæгъгæ, хъæр кæнын, æмæ Къоста чи у, уый ма зонын.