Хуссар Иры элитӕты райрӕзты тыххӕй радзырдтой Уӕрӕсейы Дипломатон академийы

Ахуыргӕнӕндоны ректор фӕхуыдта Гасситы Знауыры конференцийы хайад райсынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр майрӕмбоны ралӕууыд докладимӕ республикӕйы элитӕты райрӕзты тыххӕй 2008 азӕй ныры онг V ӕхсӕнадӕмон-практикон конференцийы "Трансформация международных отношений в ХХI веке: Вызовы и Перспективы", хъусын кӕны республикӕйы минӕварады пресс-службӕ.

Хуссар Иры элитӕты райрӕзты тыххӕй радзырдтой Уӕрӕсейы Дипломатон академийы

Хуссарирыстойнаг дипломаты конференцийы хайад райсынмӕ фӕхуыдта Уӕрӕсейы ФХМ Дипломатон академийы ректор Григорий Троянский.

Афтӕ ма конференцийы фӕлгӕтты бакастысты докладтӕ ӕхӕнадӕмон ӕмӕ регионалон ӕдасдзинад, ныры паддзахады ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕндӕр темӕтыл.

Конференцийы хайад райстой Уӕрӕсейы Федерацийы ФХМ, фӕсарӕйнаг дипломатон мисситӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон организациты минӕвӕрттӕ.