Мамиты Григорий: ныфс нӕ ис, кӕсджыты зӕрдӕтӕ кӕй балхӕндзыстӕм

Мамиты Григорий радзырдта театры гастрольты тыххӕй Луганскы
Sputnik

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр ацыд гастрольты Луганскы Адӕмон республикӕмӕ, цы ран абон равдисдзысты пьесӕ "Хъӕд".

"Луганскы Адӕмон республикӕйы театралон фестиваль "Госпожа удача"-йы хуссарирыстойнаг къорд равдисдзӕн Александр Островскийы пьесӕ "Хъӕд"-мӕ гӕсгӕ мӕскуыйаг режиссер Андрей Цисарукы куыст", - банысан кодта театры актер.