Хуссар Иры уадзынц хуыты африкӕйаг емынӕйы профилактикӕ

Республикӕйы фӕстаг хатт сбӕрӕг кодтой фӕрынчыны цаутӕ ивгъуыд аз
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министрад уадзы дезинфекцион мадзӕлттӕ республикӕйы районты хуыты африкӕйаг емынӕйы профилактикӕйы тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik хъӕууон хӕдзарады фосдарын ӕмӕ ветеринарийы хайады хистӕр Тедеты Ацӕмӕз.

Ветеринарон цæстдарды службæйы радзырдтой африкӕйаг емынæйы зианы тыххӕй

Уый банысан кодта, куыстытӕ кӕй райдыдтой Знауыры районы, цы ран 2018 азы сбӕрӕг кодтой хуыты емынӕ.

"Знауыры районы мах сдезинфекци кодтам 40 хуыдоны. Абон мах ацӕудзыстӕм Цхинвалы районмӕ, дарддӕр та Дзауы районмӕ. Ленингоры районы та кусдзыстӕм, куы бахъӕуа, уӕд", - загъта Тедеты Ацӕмӕз.

Хуссар Ирыстоны 2018 азы, хъӕууон хӕдзарады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, африкӕйаг емынӕйӕ амард 130 хуыйы. Фосы фӕрынчыны цаутӕ фыццаг сбӕрӕг кодтой Знауыры районы. Цӕмӕй инфекцион низ дарддӕр дӕр ма парахат кӕна, уый тыххӕй районтӕй рахизӕнты сарӕзтой дезинфекцион гӕрӕнтӕ.

2019 азы республикӕйы не сбӕрӕг кодтой африкӕйаг емынӕйӕ фӕрынчыны цаутӕ.