Ӕртӕ цхинвайлаг боксеры стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады

Фӕсивӕд ерысты агъоммӕ рацӕудзысты цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ Анапайы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртӕ ӕнтыстджындӕр боксеры стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады. Гӕджиты Гурам, Джиоты Арсен ӕмӕ Зӕгъойты Алан ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕм ахызтысты бирӕнымӕц турниртӕ рамбулгӕйӕ, фехъусын кодта боксы тренер, спорты мастер Дзигойты Ацӕмӕз.

Фӕсивӕд сӕхи срӕвдз кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ Анапайы ахуыртӕ рацӕугӕйӕ.

"Нӕ фӕсивӕд 5 майы рацӕудзысты цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ Анапӕйы Уӕрӕсейы тыхджындӕр ӕрыгон боксертимӕ. Цӕттӕгӕнӕн рӕвдзытӕм хуынд ӕрцыдысты регионалон этапты уӕлахиздзаутӕ. Рӕвдзыты кӕрон райдайдзысты ерыстӕ. Гӕджиты Гурам, Зӕгъойты Алан ӕмӕ Джиоты Арсены хсӕн хъуамӕ уа уӕлахиздзау дӕр ӕмӕ призер дӕр", - загъта тренер.

"Хӕларадон" бокс: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы спортсментӕ стох кӕндзысты Цхинвалы

Цӕттӕгӕнӕн рӕвдзтӕ цӕудзысты 5-ӕй 19 маймӕ Анапайы, уый фӕстӕ та райдайдзӕн Уӕрӕсейы фыццагад.

Ӕртӕ лӕппуйы цӕттӕ кӕнынц Дзигойты Ацӕмӕз, Хаситы Владислав, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Санахъоты Аслан. Ерысты архайджытӕ сты Боксы скъола ӕмӕ спорты галуан "Олимп" спортсментӕ, ерысты хъахъхъӕндзысты Цӕгат Иры спортивон кад.