Бестауты Бала: ацы зӕхх махӕн ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм

Хуссар Ирыстоны экологи ӕмӕ геологийы комитеты сӕрдар Бестауты Бала радзырдта республикӕйы ӕрдз бавӕрыны тыххӕй
Sputnik

Быроны проблемӕ у ахсджиаг — горӕты алыварс фӕзындысты бирӕ бырондӕттӕ, адӕм калынц сӕ бырон алыран дӕр, ӕмӕ уыйимӕ хъӕуы тох кӕнын. Нӕ ӕрдз хъӕуы уарзын ӕмӕ сыгъдӕг кӕнын, банысан кодта Бестауты Бала.

"Нӕ фӕсивӕд арӕхдӕр хӕхтӕм, хъӕдтӕм ӕмӕ донбылтӕм куы цӕуиккой ӕмӕ сӕ сыгъдӕгӕй куы дариккой уӕд сӕ ӕндӕр ницы дӕр хъӕуы. Ацы зӕхх махӕн ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ йӕ мах та хъуамӕ бавӕрӕм фидӕн фӕлтӕрӕн", - загъта Бестауты.