Хуссар Иры ФХМ минӕвӕрттӕ Италийы ауагътой Ассанжӕн нывонд акци

Wikileaks бындурӕвӕрӕджы ӕрцахстой апрелы Лондоны, цы ран журналист ӕмбӕхстис Эквадоры минӕварады 2012 азӕй фӕстӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕварад Италийы ауагътой акци "Что такое журналистика после Ассанжа?", кӕцы уыд нывонд Wikileaks бындурӕвӕрӕг Джулиан Ассанж ӕмӕ журналистты бартӕ бахъахъхъӕнынӕн Европӕйы.

Акцийы модератор уыд республикӕйы ФХМ минӕвар Италийы Мауро Мурджиа. Акцийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны парламенты минӕвар Европарламенты, зындгонд политикон архайӕг ӕмӕ фыссӕг Джульетто Кьеза, номдзыд италиаг журналисттӕ, горӕты ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Мадзалы хайадисджытӕ фӕзылын кодтой Эквадор ӕмӕ Великобританийы къухдариуӕгады архайд.

Хуссар Иры ФХМ минӕвӕрттӕ Италийы ауагътой Ассанжӕн нывонд акци

"Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ фидарӕй загътой, ахӕм цаутӕ кӕй халынц бындурон демократион бартӕ ӕмӕ ӕрсидтысты балӕууын Джулиан Ассанжы фарс", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Великобританийы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрцахстой Wikileaks бындурӕвӕрӕг Джулиан Ассанжы 11 апрелы. 2012 азӕй фӕстӕмӕ журналист ӕмбӕхстис Эквадоры минӕварады Лондоны.