Хуссар Иры расидтысты грантты конкурс

Проекттӕ хъуамӕ ахъаз уой ӕрдз бахъахъхъӕнынӕн, ахуырады, рухсады, зонад, культурӕ, аивады ӕмӕ ӕнӕниздзинады хъахъхъӕнынады размӕцыдӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет хоны хъӕппӕрисджын ӕмӕ активон фӕсивӕды республикон грантты конкурсы хайадистмӕ. Социалон фадыджы хъӕугӕ хъуыддаг саразынӕн комитет хицӕн кӕны ӕхцайы фӕрӕзтӕ, фехъусын кодтой Sputnik комитеты пресс-службӕйы.

Грантты республикон конкурсмӕ куыстытӕ ист цӕудзысты 3 июньмӕ.

"Конкурсы хайадисджытӕн сӕ бон у бадӕттын проекттӕ, кӕцытӕ ахъаз уыдзысты ӕрдз бахъахъхъӕнынӕн, ахуырад, рухсад, зонад, культурӕ, аивад ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады размӕцыдӕн. Конкурсы нысан у фӕсивӕды ӕргом раздахын социалон проблематӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Конкурсӕн хатдзӕгтӕ скӕндзысты 14 июны. Архайыны бар дзы ис 18 азӕй 35 азы кары онг студенттӕн ӕмӕ фӕсивӕдон организациты минӕвӕрттӕн, стӕй ма куыстыл хӕст фӕсивӕдӕн.

Проектыл ӕмткӕй рахицӕн кодтой 300 мин сомы.