Куымӕридтаты Родион: нӕ боксертӕ рамбылдтой 4 хорзӕхы ӕхсӕнадӕмон турниры

Цхинвалы фӕсивӕды ӕмӕ ӕрыгӕтты боксы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ ӕвзист майданы
Sputnik

Гом турнир, кӕцы нывонд уыд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты цытӕн, ӕрӕмбырд кодта 350 хайадисӕджы Уӕрӕсе, Греци ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй. Хуссар Ирыстонӕй ерысты хайад райстой фондз боксеры.

"Сывӕллӕттӕ сӕхи иттӕг хорз равдыстой ӕмӕ рамбылдтой цыппар хорзӕхы. Дыккаг бынӕттыл чи ацыд, уыдонӕй дӕр райгонд стӕм, уый тыххӕй ӕмӕ сын уыд фидар ныхмӕлӕуджытӕ", - загъта тренер.