Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

Арӕны уадзӕн пункттӕ сӕхгӕндзысты 8 майы изӕры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕртыццӕджы изӕры сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕстӕн нывонд мадзӕлтты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Афишæ: Уӕлахизы бон, уазӕг ансамбль ӕмӕ комеди

Уагдоны банысан кодтой, Гуырдзыстонимӕ арӕны уадзӕн пункттӕ сӕхгӕндзысты 8 майы 20.00 сахатыл. Уадзӕн пункттӕ скусдзысты хуымӕтӕг режимы 10 майы, 6.00 сахатыл.

Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕхӕстӕн. Республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц концерттӕ, равдысттӕ, бӕрӕгбонон акцитӕ, парад ӕмӕ салют.