Уарзӕм сабибонтӕй: Уӕрӕсейы артисттӕ азарыдысты Хуссар Иры ветерантӕн

Концерт ацыд ПККЗ "Чермен"-ы, хайадисджытӕ ӕмӕ кӕсджытӕн бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кодта республикӕйы президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мая - Sputnik. Ансамбль "Русский берег" ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмон артисткӕ Надежда Крыгина радтой Цхинвалы концерт "Для вас, ветераны!", кӕцы уыд нывонд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службӕ.

Бӕрӕгбонон мадзалмӕ бацыдысты президент Бибылты Анатолий, парламенты сӕрдар Гасситы Петр, хицауады уӕнгтӕ, хӕсты ветерантӕ, республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Киноконцертон залы фойейы равдысой хӕсты рӕстӕджы къамты экспозици.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн раарфӕ кодта паддзахады сӕргълӕууӕг. Уый загъта бузныг ансамблы артисттӕн ӕмӕ Надежда Крыгинайӕн ахӕм аив концерты тыххӕй.

"Ацы изӕр мах хъуыстам зарджытӕм, кӕцыты уарзӕм сабибонтӕй. Ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндоны курсант куы уыдтӕн, уӕд сӕ зарыдтӕн рӕнхъы лӕугӕйӕ", - загъта президент.

Концерты организатортӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты координацион совет Россотрудничествойы минӕварады ӕмархайдӕй.