Уӕлахизы бон Цхинвалы: равдысттӕ, концерттӕ ӕмӕ парад

Цхинвалы бӕрӕгбонӕн нывонд акцитӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ нымад сты иу къуырийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕстӕн нывонд мадзӕлттӕ Хуссар Ирыстоны цӕудзысты цалдӕр боны дӕргъы. Кӕрӕдзи ивдзысты равдысттӕ ӕмӕ концерттӕ, бӕрӕгбонон мадзӕлтты центры уыдзӕн парад ӕмӕ "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы рацыд, хъусын кӕны нысаниуӕгджын мадзӕлттӕ ауадзыны фӕдыл сӕрмагонд къамис.

Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

Стыр Уӕлахизы бонӕн нывонд нывӕзты фӕлгӕтты бабӕрӕг кодтой бӕрӕгбоны сӕйраг хъайтарты, раарфӕ сын кодтой паддзахады разамонӕджы номӕй. 5 майы райдыдта акци "Георгийы лентӕ", ацыд концерт.

7 майы байгом дыууӕ равдысты, Национ библиотекӕйы сарӕзтой сывӕллӕтты хуызфыссынады куысты равдыст "Спасибо, дедушка, за мир". ПККЗ "Чермен" ӕрфысым кодта Ирыстоны нывгӕнджыты куыстытӕ "Звенят истории колокола, взывая к памяти моей". Ноджы ма иу равдыст та ацӕудзӕн 8 майы Ногдзауты парчы, ам та фенӕн уыдзӕн ӕфсӕддон уацхӕсджыты къамтӕ.

Стыр Уӕлахизы цытӕн автозгъорд ӕрхӕццӕ кӕны Цхинвалмӕ

8 майы райсомӕй Ӕнусон арты цур сӕвӕрдзысты Кады Гирлянда, уый фӕстӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджыты фӕхондзысты солдатон сихормӕ Ногдзауты паркмӕ.

Бӕргбонон бон райсомӕй Хуссар Иры ӕппӕт аргъуанты ссардзысты хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Стыр Уӕлахизӕн нывонд мадзӕлтты сӕйраг архайд уыдзӕн Театралон фӕзуаты, 11 сахатыл рацӕудзӕн ӕфсӕддон парад, сӕ фӕстӕ уыдзӕн "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы рацыд. Изӕры театры раз суыдзӕн культурон фӕзуат – ам ацӕудзӕн концерт "От наследников Победы". Бӕрӕгбон балхынцъ уыдзӕн фейерверкӕй.