Ӕмбуархӕцӕг Цӕгат Ирӕй ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер

Турниры Руслан Куготов архайдта 65 килограмм уӕзы категорийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 — Sputnik. Спортсмен Цӕгат Ирыстонӕй Руслан Куготов рамбылдта бронзӕйы майдан Уӕрӕсейы фыццагады ӕмбуар хӕстӕй, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.

Ирон спортсменкӕ рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад тхэквондойӕ

Турнир ӕмбуар хӕстӕй юношӕтӕ ӕмӕ чызджыты ӕхсӕн уагъд цыд горӕт Орелы 3-5 майы.

"Руслан Куготов ссис бронзӕйы призер 65 килограмм уӕзы категорийы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсмены ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Кадиты Нариман ӕмӕ Илья Циклаури.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Черчесты Амина Цӕгат Ирыстонӕй кӕй рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы фыццагады тхэквондойӕ юниорты ӕхсӕн.