"Бузныг уын": президент бабӕрӕг кодта ветеранты

Паддзахады разамонӕг раарфӕ кодта ветерантӕн Стыр Уӕлахизы боны фӕдыл, стӕй ма сын радта майдантӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 мая - Sputnik. Стыр Уӕлахизы боны къӕсӕрыл президент Бибылты Анатолий фӕуазӕг ис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕм. Паддзахады разамонӕг раарфӕ кодта ветерантӕн Стыр Уӕлахизы боны фӕдыл, стӕй ма сын радта майдантӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Мӕн уырны, Стыр Уӕлахизы бонӕй цы ӕзтӕ лидзынц, уыдон никуы ныдӕлдзиныг кӕндзысты уе ʻстыр хъайтардзинад, кӕцы алкӕддӕр уыдзӕн фӕзминаг. Бузныг уын", - загъта ветерантӕн президент.

Майдантӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн", лӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ райстой Ӕлборты Евгения, Цоциты Амиран, Кокойты Григорий, Нарыкъаты Любовь, Джергаты Василий, Къудухты Ефросиния, Тедеты Николай ӕмӕ Макъоты Соня.

Ӕлборты Евгенияйы бинонтӕ, кӕцы у ветерантӕй иууыл карджындӕр бузныг загътой сӕ хӕдзары агъуыст раивыны тыххӕй президентӕн. Кокойты Григорийы фатер ӕмӕ Цоциты Амираны хӕдзары иу хай дӕр цалцӕг ӕрцыдысты президенты ӕххуысӕй. Бибылты Анатолий ма хӕслӕвӕрд радта Макъоты Соняйы хӕдзары арӕзтадӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ ӕппӕт ветерантӕн аккаг уавӕртӕ скӕнын.