Социалон фарстытӕ ӕмӕ бюджеты ӕфтиӕгтӕ: Бибылты Анатолий фембӕлд Знауыры районы цӕрджытимӕ

Паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта йӕ программӕйы хай сӕххӕст кӕныны тыххӕй, афтӕ ма сдзуапп кодта ӕрӕбырдуӕвджыты фарстытыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Знауыры районы цӕрджытимӕ, цы ран радзырдта йӕ куысты тыххӕй паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатыл. Афтӕ ма ӕрдзырдтой социалон фарстытыл дӕр. Фембӕлд ацыд Знауыры поселочы районы администрацийы агъуысты, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Бибылты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ программӕйы хай, кӕцы хауы Знауыры районмӕ, ныридӕгӕн сӕххӕст кодта.

"Сцалцӕг кодтам поселочы мидӕггагон фӕндӕгтӕ, аскъуыддзаг кодтам хъӕуты проблемӕтӕ, Бехъмары сарӕзтам хъӕууон клуб", - загъта президент.

Бибылты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕппӕтреспубликон хӕслӕвӕрдтӕй иууыл ахсджиагдӕртӕй иу, кӕцы аскъуыддзаг кодтой, у Хуссар Ирыстоны бюджеты фӕфылдӕр.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта Цхинвалы хӕсты рӕстӕджы хъыгдард фатерты цалцӕджы ӕмгъуыд

Президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, бюджеты фӕфылдӕры руаджы хцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнынц адӕмӕн, кӕцытӕ сӕ цӕст дарынц инвалидтӕм.

Аскъуыддзаг кӕндзысты канализацийы системӕимӕ проблемӕ дӕр Знауыры поселочы. Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы аз кӕй нывӕндынц райдайын 18-фатерон хӕдзары арӕзтад дӕр, фидӕн аз та районы сараздзысты ноджы дыууӕ ахӕм хӕдзары.

"Хъӕуы райдайын кусын цӕрӕнуаты райуӕрстыл. Нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у, цӕмӕй фатертӕ райсой адӕм, кӕцытӕн ӕцӕгдӕр хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ", -загъта президент.

Социалон фарстытӕ ӕмӕ бюджеты ӕфтиӕгтӕ: Бибылты Анатолий фембӕлд Знауыры районы цӕрджытимӕ

Афтӕ ма районы цӕрджытӕ радтой сӕ фарстытӕ президентмӕ. Президенты фарстой фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидты арӕзтады тыххӕй, афтӕ ма мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ нуазыны доны цухдзинады тыххӕй.

Президент ӕрдзырдта РХИ парламентмӕ депутатты ӕвзӕрстыты тыххӕй дӕр ӕмӕ бахахх кодта, кӕй хъӕуы ӕвзарын кандидатты, кӕцытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ дзырдлӕвӕрдтӕ.