Астраханы цур ссардтой Сӕрмӕтты паддзахы сыгъзӕрин ӕвӕрӕн

Сӕрмӕтты паддзахы ингӕныл цӕуы дыууӕ мин азӕй фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik. Аив сыгъзӕрин хӕзнатӕ ӕмӕ бирӕ артефакттӕ археологтӕ ссардтой обау "Богомольные пески"-йы Астраханы областы, хъусын кӕны Уӕрӕсейаг газет.

Сӕрмӕтты паддзахы ингӕныл цӕуы дыууӕ мин азӕй фылдӕр.

Астраханы цур ссардтой Сӕрмӕтты паддзахы сыгъзӕрин ӕвӕрӕн

Фермер Рустам Мудаев йӕ хӕдзары цур ссардта рагон бронзӕйы цуайнаг ӕмӕ йӕ радта музеймӕ, уый фӕстӕ археологтӕ сорганизаци кодтой экспедици Косикайы хъӕумӕ.

Специалисттӕ ссардтой ӕртӕ зӕппадзы, кӕцыты уыдысты нӕлгоймаг ӕмӕ бӕхы стӕгдартӕ, афтӕ ма ӕвзист ӕмӕ бронзӕйы уӕлхуыдтӕ. Ноджы ма дзы ссардтой хӕцӕнгарз, цардуагон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ амуници, афтӕ ма сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дӕр.

30 азы размӕ ацы хъӕуы ссардтой сӕрмӕттаг паддзахы зӕппадз, кӕцыйы дзауматӕ бахастой Астраханы паддзахадон музейы коллекцимӕ "Сӕрмӕтты сыгъзӕринтӕ".

Археологон куыстытӕ обауы адаргъ уыдзысты сӕрды райдайӕнмӕ.