Ахӕм цыдӕр никуы ма уыд: Хуссар Иры парламент публикон хыгъдлӕвӕрд ратдзӕн йӕ куыстӕн

Хуссар Ирыстоны парламентаризмы историйы фыццаг хатт депутаттӕ ралӕудзысты се 'взарджыты раз ӕмӕ хыгъдлӕвӕрд ратдзысты сӕ куысты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Козаты Диана. Киноконцертон зал "Чермен"-ы майрӕмбоны ацӕудзӕн бӕрӕгбонон ӕмбырд, кӕцыйы рӕстӕджы парламент хыгъдлӕвӕрд ратдзӕн йӕ куысты тыххӕй.

Мадзалмӕ фӕхуыдтой уазджыты хӕларадон бӕстӕтӕй – Донецк ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕтӕй, Абхаз ӕмӕ Уӕрӕсейӕ.

"Мах равдисдзыстӕм киноныв ӕхсӕзӕм ӕрсидты парламенты куысты тыххӕй, афтӕ ма аннӕ ӕрсидтты куыстыл афӕлгӕст дӕр. Кинонывы равдыстой депутатты иууылдӕр", - загъта рабадтыл парламенты спикер Гасситы Петр.

Мадзалы бавдисдзысты концертон программӕ дӕр.

Хуссарирыстойнаг депутаттӕ нӕ райстой парламенты фӕдыл закон

Амӕйразмӕ Гасситы Петр радзырдта, Хуссар Ирыстоны парламентаризмы историйы фыццаг хатт депутаттӕ кӕй ралӕудзысты сӕ ӕвзарджыты раз ӕмӕ хыгъдлӕвӕрд ратдзысты сӕ куысты тыххӕй.

"Ахӕм хъӕппӕрисимӕ ӕз бадзырдтон президентмӕ – уый фыццаг ахъуыды кодта, уый тыххӕй ӕмӕ ахӕм прецедент никуы уыд нырма. Фӕлӕ Бибылты Анатолий хорзыл банымадта ацы хъӕппӕрис ӕмӕ уый фӕдыл ӕз алкӕйдӕр хонын мадзалмӕ", - загъта Гасситы Петр.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны равзардзысты ног парламент. Депутатты ӕвзӕрстытӕ снысан кодтой 9 июньмӕ.