Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон нысан кӕнынц Хуссар Иры

Бӕрӕгбон нысан кӕнынц Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаты 2003 азӕй фӕстӕмӕ. Датӕ нывонд у Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр"-ы мыхуыры бонӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мая - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы цыртмӕ ӕртыццӕджы дидинджытӕ сӕвӕрдтой Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытӕн.

Цырты раз ӕрӕмбырд сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ Зонадон-иртасӕн институты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма горӕты скъолаты ахуырдзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ.

Профессор Битарты Зоя радзырдта, Ирыстоны культурӕ дунейы кӕй базыдтой Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ номдзыд Абайты Уасойы зонадон архайды руаджы.

"Мадӕлон ӕвзаджы бон 15 майы нысан кӕнын аскъуыддзаг кодта 2003 азы Цӕгат Ирыстоны раздӕры сӕргълӕууӕг Дзассохты Александр, ӕмӕ йын уый тыххӕй мах стӕм бузныг. Афтӕ ма абон сӕххӕст 120 азы Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр"-ы рацыдыл мыхуырмӕ, кӕцы равдыста дунейӕн ирон ӕвзаджы хъӕздыгдзинад", - банысан кодта Битарты Зоя.

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон нысан кӕнынц Хуссар Иры

Уый раарфӕ кодта бӕрӕгбоны цытӕн ирон адӕмӕн, сӕйраджыдӕр ӕвзонг фӕлтӕрӕн.

"Не взонг фӕлтӕр, сымах хъуамӕ бамбарат, чи сты ирӕттӕ ӕмӕ нын цы фӕллой ныууагъта Къоста ӕмӕ ӕндӕр номдзыд ӕмбӕстӕгтӕ. Хъӕуы адарддӕр кӕнын сӕ куыст, цӕмӕй нӕ паддзахад райтынг уа", - загъта профессор.

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон нысан кӕнынц Хуссар Иры

ХИПУ-йы ирон литературӕйы кафедрӕйы хистӕр Плиты Гацыр ӕрсидт алкӕмӕдӕр, цӕмӕй абон дзурой мадӕлон ӕвзагыл.

"Цӕй ӕмӕ аз иу хатт уӕддӕр дзурӕм ирон ӕвзагыл ӕмӕ ма пайда кӕнӕм фӕсарӕйнаг дзырдтӕй. Нӕ ӕвзаг нын бахастой ӕвзӕгты номхыгъдмӕ, кӕцытӕн тӕссаг у фесӕфынӕй, ӕмӕ ацы уавӕр хъӕуы раивын", - бахахх кодта кафедрӕйы хистӕр.

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон нысан кӕнынц Хуссар Иры

Плиты Гацыр бафтыдта, зӕгъгӕ, сывӕллӕтты хъӕуы бафтауын мадӕлон ӕвзаг, литературӕ ӕмӕ Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ахыр кӕнынмӕ.

Мадзалы рӕстӕджы горӕты скъолаты ахуырдзаутӕ кастысты ирон классикты ӕмдзӕвгӕтӕ, кӕцытӕ нывонд сты мадӕлон ӕвзагӕн.