ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны чызджыты æмбырдгонд ссис волейболæй æппæтуæрæсейон турниры призер Самарæйы, фехъусын кодта командæйы хистæр тренер Джыгкайты Инга.
Командæ архайдта 2003-2004 азы гуырд спортсменты ʻхсæн, ацы категорийы тох кодтой Уæрæсейы æхсæз арæхстджын командæйы.
"Ацы хатт æрхастам бронзæйон приз. Нæ командæйы сконды уыд 16 хъазæджы – хорз цæттæ чызджытæ. Уыдонæй иу - Тадтаты Елизавета нымад æрцыд иууыл универсалондæр хъазæгыл", - загъта тренер Джыгкайты Инга.
Уый у чызджытæн сæ дыккаг æнтыст, æнгæс ерыстæ командæ рамбылдта æрæджы Мæздæджы. Командæйы уæнгтæ цæттæ кæнынц горæты æхсæзæм скъолайы бæстыхайы тренертæ Джыгкайты Инга æмæ Кокойты Эдуарды къухдариуæгадæй.
"Чызджыты командæйы æнтысты стыр хайбавæрд ис нæ хистæр тренер Цхуырбаты Вадимæн, ныридæгæн йе 'нæниздзинад фадат нæ дæтты дарддæр кусынæн, фæлæ уый тынг бирæ бакуыста чызджыты æнтыстыл", - бафтыдта тренер.