"Особа"-йы бындурыл: Цхинвалы ацыд тымбыл фынг æвзаг æмæ æгъдæутты фæдыл

Мадзалы архайджытæ æнхъардтой ирон æвзаджы бæрæгбонæн уæрæхдæр гуырахст радтын, очерк "Особа" скъолайы нывæзтмæ бахæссын æмæ æгъдæуттæм журналистты хъусдард аздахыныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æрыгæтты библиотекæйы ацыд тымбыл фынг Хетæгкаты Къостайы этнографион очерк "Особа"-йы фæдыл.

Æрæмбырдуæвджытæ уынаффæты фæлгæтты ахызтысты банысангонд темæйы арæнтæй  – æрдзырдтой æвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл. Тымбыл фынджы архайджытæ цы хъæппæристæ раразмæ кодтой, уыдон ʻхсæн уыд Къостайы этнографион очерк "Особа"-йы ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ йæ скъолаты ахуырадон нывæзтмæ бахæссын, ДИФ-ы æгъдæутты фæдыл рубрикæтæй баххæст кæнын.

"Особа"-йы бындурыл: Цхинвалы ацыд тымбыл фынг æвзаг æмæ æгъдæутты фæдыл

Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Кавказы адæмтæй литературæ фыццаг фæзынд ирæттæм, уым та æвдыст цыд адæмы цардуаг æмæ æгъдæуттæ.

"Ирон удыхъæд цы у, уый Къоста равдыста. Ирон æгъдæуттæ уый равдыста йæ очерк "Особа"-йы. Ацы уацмыс чи нæ бакæса, уый йæхи ирон ма хъуамæ хона", - загъта Хъазиты Мелитон.

Тымбыл фынджы ма æрдзырдтой æгъдæуттæ бахъахъхъæнын фарстыл дæр. Стæй ма термин "особа" бирæтæ рæдыдæй кæй хонынц гуырдзиаг дзырд, уыдæттыл. Ахуыргæндтæ раиртæстой дзырды цалдæр верси персайнаг æвзагæй.

"Особа"-йы бындурыл: Цхинвалы ацыд тымбыл фынг æвзаг æмæ æгъдæутты фæдыл

"Гуырдзиаг дзырдтæ кæй фæхонæм, уыдоны гуырдзиагæй вæййы фæсæфтуан, науæд та разæфтауæн, фæлæ сæ бындур алыхаттдæр вæййы æндæр æвзагæй æрбайсгæ дзырд", - загъта профессор Дзабиты Зарбег.

Парламентон комитеты хистæр Гæбæраты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, æгъдæуттæ фæцудыны хъуыддаджы сæйраг фыдбылызгæнæг сты адæм сæхæдæг.

"Махæн æнæ уырыссаг æвзаг уæвæн нæй, фæлæ йын паддзахадон статус чи радтын кодта, уыдон ирон æвзаджы табæт ныкъуырдтой фæстаг зæгæл. Стæй ма социалон хызæгты Уастырджи æмæ Сыгъдæг Георгий иу чи кæны, уый дæр не 'знæгты къух аразы", - загъта Гæбæраты Юрий.

Мадзалы кæрон ма раразмæ кодтой Ирон æвзаджы бæрæгбонæн уæрæхдæр гуырахст радтыны хъæппæрис.