Цхинвалы ацæудзæн ӕхсӕнадӕмон турнир комплексон ӕмтохӕдтӕй

Хуссар Иры командæтæй дарддæр ерысты тох кæндзæн цæгатирыстойнаг къорд дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны тыхон структурæты æмæ уагдæтты командæтæ стох кæндзысты VII ӕхсӕнадӕмон турниры комплексон ӕмтохӕдтӕй Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы комплексон ӕмтохӕдты федерацийы президент Тедеты Сослан.

Турнир райдайдзæн сабаты, 11 сахатыл спорты галуан "Олимп"-ы.

Хуссар Иры тыхон структурӕты кусджытӕ бацахстой призон бынӕттӕ ОДКБ Кубокы

"Ерыстæм раразмæ кодтой сæ командæттæ Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрæдтæ, стæй ма Паддзахадон хъахъхъæнынады службæ дæр. УУМ æмæ Юстицийы министрады приставты хайады минæвæрттæ стох кæндзысты иумæйаг къорды. Ноджы ма иу командæ та Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн Цæгат Иры тæрхондоны приставты службæйæ", - загъта Тедеты Сослан.

Ерыстæ цæуынц 2010 азæй фæстæмæ. Ацы хатт нывонд сты Стыр Уæлахизы 74 азæн.

"Турниры сæйраг нысан у цæмæй кæстæр фæлтæртæ дæнцæг исой тыхон структурæтæй, кæцытæ гауызыл сæ тыхтæ æвзарæйæ ерысты фæстæ баззайынц хæлæрттæй", - бафтыдта уый.

Сæйраг тæрхонгæнæг ерысты уыдзæн Ӕдасдзинад советы сæрдары хæдивæг Мамытаты Инал, гауызы реферитæ – Джиоты Рудольф æмæ Лолоты Александр.

Турнир аразы Хуссар Иры комплексон ӕмтохӕдты федерацийы спорты комитетимæ иумæ президент Бибылты Анатолийы æххуысæй.