Абхазы оппозици расидт граждайнаг ӕнӕразыдзинады акци

Оппозицион политикы фарслӕуджытӕ ӕрӕмбырд сты митингмӕ парламенты раз ӕмӕ дыууӕ ран ӕрӕхгӕдтой централон трассӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май -  Sputnik. Абхазы оппозици сорганизаци кодта протестон акци, бӕстӕйы парламент куы нӕ сразы ахӕссын президентон ӕвзӕрстытӕ 21 июнӕй фӕззӕгмӕ, уый фӕстӕ, хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Оппозицийы лидер Аслан Бжанияйы фарслӕуджытӕ домынц ахӕссын ӕвзӕрстытӕ йе 'нӕниздзинады уавӕры тыххӕй. Амӕйразмӕ Аслан Бжанияйы алстой уӕззау уавӕры мӕскуыйаг рынчындонмӕ, йӕ фарслӕуджытӕ фехъусын кодтой, политикы кӕй фӕхъӕстӕ кодтой.

20 майы ӕхсӕвы оппозицийы фарслӕуджытӕ ӕрӕмбырд сты Абхазы парламенты раз ӕмӕ ӕрдомдтой ахӕссын президентон ӕвзӕрстытӕ, афтӕ ма фехъусын кодтой граждайнаг протестон акциты райдайыны тыххӕй, кӕцытӕ хъуамӕ ацӕуой ӕнӕхъӕн бӕстӕйы.

Паддзахады къухдариуӕгад сарӕзта сӕрмагонд къорд, кӕцы уӕрӕсейаг прокуратурӕимӕ иумӕ райдыдта фӕдӕвзарӕн Аслан Бжанияйы фӕрынчыны фӕдыл. Барардхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрсидтысты цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной фӕтк ӕмӕ Конституци.