Равдыст–конкурс "Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ" æрхастой Цхинвалмæ

Мадзал æрбакодтой Цхинвалы Анахарсисы номыл библиотекæйы фойейы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май— Sputnik, Плиты Фатимæ. Аланийы дзуарæфтыд райсыныл 1100 сæххæсты цытæн хуызфыссынад æмæ графикæйы куыстыты равдыст–конкурс "Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ" æрхастой Цхинвалмæ. Мадзал æрбакодтой Анахарсисы номыл библиотекæйы фойейы цытджын уавæры бирæнымæц уазджыты хайадистæй.

Равдыст–конкурс "Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ" æрхастой Цхинвалмæ

Равдысты презентацийы фæстæ йæ хайадисджытæ Ирыстоны хуссар æмæ цæгатæй ауагътой конференци. Уынаффæ цыд конкурсы радон этапы хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон архайджыты хайадистыл, нывгæнæн аивады райрæзтыл, истори æмæ æвзаг бахъахъхъæныны фарстытыл.

Конкурсы дыккаг этап райдыдта 2018 азы, хатдзæгтæ йын скæндзысты 2020 азы.

"Ам бынаты хъæуы саразын организацион комитет, кæцы скъуыддзаг кæндзæн лыстæг фарстытæ - кæййас хъуамæ уа ныв, цы æмгъуыдмæ ис бадæттæн куыстытæ. Ацы конкурсы хъуамæ хайад райсой кæй бафæнда, уыдон се ʻппæт дæр", - загъта культурæйы министр Зассеты Жанна.

Конкурс цæуы Аланийы дзуарæфтыд райсыныл 1100 сæххæсты цытæн мадзæлттæ бацæттæ кæныны фæлгæтты. Йæ призон фонд у 300 мин сомы.

Конкурсы ис æртæ номинацийы, уыдон хауынц Аланийы дзуарæфтыд райсыны, рæстдинонты архайд æмæ Аланийы историмæ.

Равдыст–конкурс "Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ" æрхастой Цхинвалмæ