Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор Битарты Зоя бахахх кодта, зæгъгæ, 2018 азы æртымбыл кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты, цæмæй ахъуыды кæной ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл.
"Ног чингуытыл чи кусы, уыцы ахуыргӕнджыты нымӕц у 14. Уыдон бакуыстой 1-9 кълӕсты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингуытыл", - банысан кодта профессор.