Ӕмархайды тыххæй: Лавров схорзæхджын кодта хуссарирыстойнаг минæвары

Гасситы Знауырæн хорзæх радта УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы ФХМ риуылдарæн нысан "Ӕмархайды тыххæй"-йæ министрады сæргълæууæг Сергей Лавровы барамынæй. Хорзæхкæныны церемони ацыд 21 майы Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны бæстыхайы, хъусын кæны минæварады пресс-службæ.

Ӕмархайды тыххæй: Лавров схорзæхджын кодта хуссарирыстойнаг минæвары

Хуссарирыстойнаг минæварæн йæ хорзæх радта статс-секретарь - УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин.

"Карасин раарфæ кодта Гасситы Знауырæн æмæ бахахх кодта, Уæрæсейы ФХМ къухдариуæгад, сæйраджыдæр, министр Сергей Лавров, стыр аргъ кæны минæвары архайдæн æмæ йæ дæлбар уагдоны куыстæн", - дзырдæуы хъусинаджы.

Карасин ма ноджы банысан кодта бастдзинæдты фæстиуджытæ федералон æмæ регионалон æмвæзадтыл æмæ равдыста ныфс дарддæры дарддæры конструктивон æгуыстады тыххæй.