Хуссар Иры хицауад радта хыгъдлӕвӕрд депутаттӕн сӕ куысты тыххӕй

Ныры ӕрсидты парламенты фӕстаг сессийыл ӕрӕмбырд сты республикӕйы президент ӕмӕ хицауады органты разамонджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ныры ӕрсидты фӕстаг сессийыл байхъуыста хицауады хыгъдлӕвӕрдмӕ 2018 азы куысты тыххӕй.

Хуссар Иры фыццаг депутатты схорзӕхджын кодтой Хъуылымбегты Торезы майдантӕй

Закондӕттӕг органы ӕхсӕзӕм ӕрсидт фӕуд кӕны йӕ куыст. Республикӕйы 9 июны ацӕудзысты парламентон ӕвзӕрстытӕ.

"Хицауады хыгъдлӕвӕрд уагъд цӕуы ӕвзӕрстытӕм цӕттӕкӕнынады рӕстӕджы, ӕмӕ уый бандавдзӕн нӕ ралӕудтыл. Фӕлӕ ӕз алкӕмӕдӕр сидын, цӕмӕй объективон аргъ скӕной", - бадзырдта йӕ коллегӕтӕм парламенты спикер Гасситы Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауады хыгъдлӕвӕрды анализ равдыста, финансон-экономикон бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕй фӕбӕрзонддӕр сты.

"Мах уынӕм, хицауад бирӕ кӕй аразы, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной цӕрджыты цардуавӕртӕ", - загъта спикер.

Афтӕ ма Гасситы Петр банысан кодта, Инвестпрограммӕ фыццаг хатт кӕй сӕххӕст кодтой сӕдӕ проценты.

Лӕмбынӕгдӕр хицауады куысты тыххӕй 2018 азы радзурдзӕн премьер-министр Пухаты Эрик.

Парламенты рамбадтыл хайад исынц республикӕйы президент ӕмӕ хицауады органты разамонджытӕ.