ЦХИНВАЛ, 24 мая – Sputnik. Воронежы областы губернатор Александр Гусев ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕрдзырдтой мӕгуыстады перспективӕтыл ӕмӕ ӕхсӕнхицауадон бадзырды проектыл.
Фарсытӕ фембӕлдысты майрӕмбоны Воронежы, уырдӕм минӕвар ацыд кусӕгон балцы, хъусын кӕны Воронежы областы официалон сайт.
Гасситы Знауыр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны президент кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы губернатормӕ ӕмӕ Воронежы областы делегацимӕ.
"Мӕ фӕндзӕм балц у Воронежмӕ. Мах хъуыды кӕнӕм, 2008 азы кӕй сарӕзтой къамис, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной фӕрӕзтӕ Хуссар Ирыстон сцалцӕг кӕнынӕн. Мах фӕнды дарддӕр райтынг кӕнын бастдзинад. Махмӕ ис, цы банхъарӕм Воронежы областӕн", - загъта минӕвар.
Губернатор ӕмӕ минӕвар лӕмбынӕгӕй ӕркастысты Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмӕ Воронежы областы хицауады хсӕн базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды проектмӕ.
Документ нывӕндынц бафыссын ӕввахс рӕстӕджы.