Гæджиты Гурам рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист майдан боксæй

Уый у кæстæр фæлтæрты ʻхсæн иууыл æнтыстджындæр боксер Хуссар Иры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг боксер Гæджиты Гурам рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист майдан. Уæлахиздзауы ном æмæ Европæйы фыццагадмæ балцæгыл тох цыд Цхинвал æмæ Ленинграды областы минæвæртты ʻхсæн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер, Уæрæсейы спорты мастер Дзигойты Ацæмæз.

Хуссарирыстойнаг боксер рамбылдта турнир "Хæстон æрмкъухтæ"

Гæджиты Гурам у кæстæр фæлтæрты ʻхсæн иууыл æнтыстджындæр боксер Хуссар Иры.

"Гæджиты Гурам финалмæ фæндагыл рамбылдта æртæ боксеры, финалон тохы дæр дзы баззадтæн тынг райгондæй, зæгъæн ис, дыууæ лæппу дæр тох кодтой æмдыхæй, уæлахиз радтæн уыд Гурамæн дæр æмæ йæ ныхмæлæууæгæн дæр. Нæ бирæ æзты фыдæбон нæхъуаджы нæ фæцис - Гурам ис Уæрæсейы йе ʻмкаронты тыхджындæрты рæнхъыты",- загъта тренер.

Дзигойты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, йæ хъомылгæнинаг физикон цæттæдзинадæй фæстæ ницæмæй лæууыд, фæлæ психологон æгъдауæй цæттæ нæ уыд.

"Федтам нæ лæмæгъ бынæттæ, ис ын ахæм æмвæзадыл архайды фæлтæрддзинад, ныр архайдзыстæм фылдæр кусын æмæ Ирыстоны кад бæрзонддæр кæнын", - бафтыдта уый.

Уæрæсейы фыццагад 2005-2006 азы гуырд юношæты ʻхсæн цыд Анапайы. Ерыстæ æрæмбырд кодтой уæрæсейы регионтæй 500 – йы бæрц тыхджындæр боксертæ.