Хуссарирыстойнаг скъоладзауты фæхуыдтой Сабиты хъахъхъæныны бонмæ Мæскуымæ

Бæрæгбонон мадзæлтты хайадистæй дарддæр сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсы Стыр театр, музейтæ, Кремль æмæ Хæцæнгарзы галуанмæ балцтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны скъоладзауты къорд афæндараст Мæскуымæ сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн мадзæлтты хайад райсынмæ. Къорд театралон фæзуатæй къуырисæры афæндарст кодтой ныййарджытæ, ахуырады министрады минæвæрттæ æмæ сæ хæлæрттæ.

Хуссарирыстойнаг скъоладзауты фæхуыдтой Сабиты хъахъхъæныны бонмæ Мæскуымæ

Скъоладзаутæ архайдзысты Сабиты хъахъъæныны бæрæгбоны æмæ сын уыдзæн цымыдисон экскурситæ Уæрæсейы столицæйы.

"Уæрæсейаг сывæллæтты фонды сæрдар Альберт Лихановæй та ацы аз дæр райстам хуынд. Къордмæ бацыдысты сидзæр сывæллæттæ, æххуысхъуаг бинонты зæнæг, курдиатджын æмæ ахуыры хорз бæрæггæнæнтимæ ахуырдзаутæ. Мæскуыйы бæрæгбонон мадзæлтты хайадистæй дарддæр сæм æнхъæлмæ кæсы Стыр театр, музейтæ, Кремль æмæ Хæцæнгарзы галуанмæ балцтæ", - загъта Sputnik ахуырады министрады минæвар Джиоты Эльза.

Уый ма банысан кодта, сывæллæттæ ма сæхæдæг сархайдзысты культурон мадзæлтты. Къорды сконды ис 10 ахуырдзауы - горæт Цхинвалы скъолатæй, фæйнæ иу сывæллоны арвыстой республикæйы районтæ, се ʻхсæн хорты солисттæ æмæ вокалон конкурсты архайджытæ Бестауты Альбина æмæ Бикойты Светлана.

"Мæскуыйы райгуырдтæн, фæлæ Цхинвалы цæрын. Цин кæнын Мæскуыимæ радон фембæлдыл æмæ мæм цы ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы, удоныл", – загъта Бестауты Альбина.

Хуссарирыстойнаг скъоладзауты фæхуыдтой Сабиты хъахъхъæныны бонмæ Мæскуымæ

"Никуы уыдтæн Мæскуыйы, куыд дзы у уый дæр нæ зонын, фæлæ мæ фæндгæ тынг кæны", - загъта аннæ чызг Бикойты Светлана.

Сывæллæттæ Уæрæсейы столицæйы уыдзысты цыппар боны дæргъы. Фæндагон хæрдзтæ йæхимæ райста ахуырады министрад, аннæтæ сты фысымты бæрны.