Хуссар Иры фӕбӕрӕг сты иууыл хуыздӕр хъӕууон кафджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ

Конкурсы фӕлгӕтты скъоладзаутӕ равдыстой сӕ куырдиат кафын, ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсын ӕмӕ музыкалон инструменттыл цӕгъдынӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ацыд хъӕууон культурӕйы хӕдзӕртты хъомылгӕнинӕгты конкурс, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.

Хуссар Иры фӕбӕрӕг сты иууыл хуыздӕр хъӕууон кафджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ

Конкурсы уыд дыууӕ номинацийы: "Хуыздӕр хореографи", цы ран рамбылдтой сывӕллӕттӕ Дменисы хъӕуӕй, ӕмӕ "Хуыздӕр вокал", уым та уӕлахиздзаутӕ ссисты Тъбеты хъӕуы культурӕйы хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ.

"Хайадисджытӕн уыд бӕрнон ахаст конкурсмӕ. Районон администрацийы культурӕйы хайады хистӕр Гаглойты Ростик стыр аргъ скодта сывӕллӕтты ралӕуд ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджыты куыстӕн. Уый банысан кодта, ацы аз конкурсы ӕмвӕзад бӕрзонддӕр кӕй у ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ", - загъта пресс-службӕйы минӕвар.

Жюрийы уӕнгтӕ схорзӕхджын кодтой иууыл хуыздӕр конкурсантты зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. Афтӕ ма Гаглойты Ростик схорзӕхджын кодта культурӕйы хӕдзӕртты иууылдӕр грамотӕтӕй сӕ активон хайадисты тыххӕй районон мадзӕлтты.