Улӕфты бон ӕмӕ велозгъорд: куыд банысан кӕндзӕн Хуссар Ир Хӕдбардзинад расидыны бон

Паддзахадон бӕрӕгбон райдайдзӕн велозгъордӕй. Нывӕндынц ауадзын ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы банысан кӕндзысты паддзахадон хӕдбардзинады Акт райсыны 27-ӕм афӕдзы бон.

Хуссар Ирыстоны иууыл сӕйрагдӕр документтӕй иу райста республикӕйы Уӕлдӕр совет 1992 азы 29 майы. Ацы датӕ республикӕйы у бӕрӕгбонон бон.

Хуссар Иры фыццаг депутатты схорзӕхджын кодтой Хъуылымбегты Торезы майдантӕй

Хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ 29 май у улӕфты бон. Кусӕгон къуырийы рӕстӕджы республикӕйы цӕрджытӕ баулӕфдзысты иу бон ӕмӕ банысан кӕндзысты иууыл ахсджиагдӕр паддзахадон бӕрӕгбӕттӕй иу.

Ацы бон республикӕйы ацӕудзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ райдайдзысты 10.00 сахатыл велозгъордӕй.

Къухдариуӕгад ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд уыдзысты ацы бон бӕрӕгбон ӕмбырд ӕмӕ концертмӕ, кӕцытӕ ацӕудзысты киноконцертон зал "Чермен"-ы 12.00 сахатыл.

Уым ма ацӕудзӕн ӕмкъӕйтты фембӕлд, кӕцытӕ цӕрынц 30 азы хӕдбар республикӕйы, афтӕ ма сараздзысты информацион стенд "Счастливые лица цхинвальцев".

Горӕты парчы ацӕудзӕн адӕмон хӕдзарады сгуыхтдзинӕдты равдыст "Сделано в Осетии".