Хъуылымбегты Роберт: Торезы инициативæтæм гæсгæ бирæ хорздзинæдтæ æрцыд арæзт

Хъуылымбегты Роберт радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн номдзыд политикон ӕмӕ паддзахадон архайӕджы царды тыххӕй
Sputnik

Ирон зонындзинӕдты кандидат бахахх кодта, Хъуылымбегты Торезы сӕрмагонд хъӕппӕрисӕй Хуссар Ирыстон кӕй сӕххӕст кодта дыууӕ ахсджиаг къахдзӕф йӕ историйы.

"Хъуылымбегты Торез уыд республикӕ расидыны инициатор 20 сентябры 1990 азы. Афтӕ ма Торезы къухдариуӕгады бын райстой хӕдбардзинад расидыны Акт 29 майы 1992 азы", - банысан кодта Хъуылымбегты Роберт.