Цыт ӕмӕ кад: Хуссар Иры минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой Бразилийы

Ӕххӕстбарджын минӕвар схуыдта схорзӕх кӕныны хъуыддаг хуссарирыстойнаг дипломатийы стыр къахдзӕф Латинаг Америкӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Латинаг Америкӕйы бӕстӕты Тыбылты Андрей ӕмӕ базарадон-экономикон фарстыты фӕдыл республикӕйы минӕвар регионы Тыбылты В. хорзӕхджын ӕрцыдысты бразилиаг штат Рио-де-Жанейройы парламенты цытджын нысанӕй. 

Цыт ӕмӕ кад: Хуссар Иры минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой Бразилийы

"Нӕ дипломатийы стыр къахдзӕф Латинаг Америкӕйы. Мах куыстам ӕмӕ дарддӕр кӕнӕм куыст Латинаг бӕстӕты рдыгӕй Хуссар Ирыстоны банымайыны фӕдыл. Уадзӕм бадзырдтӕ политикон, культурон ӕмӕ экономикон фарстыты фӕдыл", - банысан кодта уый фӕдыл Тыбылты Андрей. 

Тыбылты Андрейӕн уый йӕ фыццаг хорзӕх нӕу. Ацы аз январы ма уый райста хорзӕх бразилийаг политикон парти PHS Partido Humanista da Solidariede (Солидарондзинады гуманитарон парти).

Цыт ӕмӕ кад: Хуссар Иры минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой Бразилийы

Бизнесмен, кинорежиссер, каскадер ӕмӕ актер Тыбылты Андрей у Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ, Рио-де-Жанейройы цӕры 1989 азӕй фӕстӕмӕ. 2013 азы уый уый нысан ӕрцыд Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕварӕй Латинаг Америкӕйы бӕстӕты.