Хуссар Иры парламенты спикер схорзӕхджын кодта Хъуылымбегты Торезы бинонты

Хъуылымбегты Торезы бинонты схорзӕхджын кӕныны фӕдыл уынаффӕ парламент рахаста сессийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕрдар Гасситы Петр схорзӕхджын кодта республикӕйы фыццаг къухдариуӕггӕнӕджы бинонты Хъуылымбегты Торезы номыл майданӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Гасситы Петр банысан кодта, Хъуылымбегты Торезы бинонты схорзӕх кӕныны фӕдыл уынаффӕ парламент кӕй рахаста сессийыл.

Хуссар Иры парламенты спикер схорзӕхджын кодта Хъуылымбегты Торезы бинонты

Афтӕ ма парламенты спикер радзырдта, Хуссар Ирыстоны кӕй рацыд киноныв Торезы тыххӕй. Уый равдыстой республикӕйы скъолаты хистӕркъласонтӕн, университеты та киноныв ссис ахуырадон программӕйы хай.

"Нацийӕн, кӕцы рох кӕны йӕ ивгъуыд бонтӕ, нӕ уыдзӕн сомбон. Республикӕйы президент Бибылты Анатолий ӕмӕ мӕн фӕнды раздахын нӕ фыццаг лидер Хъуылымбегты Торезы историон мысӕн. Ӕмӕ мах алцыдӕр сараздзыстӕм уый тыххӕй", - загъта Гасситы Петр.

Торезы бинойнаг Маргарита Мумладзе загъта бузныг спикерӕн.

"Торез алыхатт дӕр куыста республикӕйы хӕрзӕбонӕн. Ӕндӕр хуызӕн йӕ бон нӕ уыд цӕрын, уыд намысджын. Афтӕ цӕрынц мӕ сывӕллӕттӕ дӕр", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны бон, 29 майы, бакодтой республикӕйы фыццаг разамонӕг Хъуылымбегты Торезы цырт.