Хӕларады райтынг: Хуссар Ир ӕмӕ Карабахы сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Степанакерты

Президентты фембӕлд ацыд Хуссар Ирыстоны делегацийы ӕртӕбонон балцы рӕстӕджы Хӕххон Карабахмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 май - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хӕххон Карабах райтынг кӕндзысты хӕларадон ахастытӕ, фехъусын кодта РХИ президент Бибылты Анатолий Хӕххон Карабахы президент Бако Саакянимӕ фембӕлды рӕстӕджы Степанакерты.

Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сӕргълӕудӕй ис Хӕххон Карабахы ӕртӕбонон балцы.

"Мӕ зӕрдӕ райы, Хуссар Ирыстон ахӕм егъау спортивон цауы хайад кӕй исы. Ныфс мӕ ис, ахӕм бындуртыл, куыд спорт, культурӕ ӕмӕ зонад, мах араздзыстӕм нӕ ахастытӕ. Мах алыхатт дӕр уыдыстӕм хӕларадон бӕстӕтӕ, ӕмӕ уыцы ахастытӕ мах райтынг кӕндзыстӕм", - загъта президент.

Бако Саакян банысан кодта, ӕхсызгон ын кӕй у фембӕлын Хуссар Ирыстоны президентимӕ ӕмӕ иумӕ хайад райсын ахӕм нысаниуӕгджын спортивон цауы.

Хӕларады райтынг: Хуссар Ир ӕмӕ Карабахы сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Степанакерты

Хуссарирыстойнаг фарсӕй фембӕлды хайад райстой хицауады сӕрдары хӕдивӕг Бекъойты Геннадий ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, карабахаг фарсӕй та паддзахадон министр Григорий Мартиросян ӕмӕ ФХМ сӕргълӕууӕг Масис Маилян.

Хӕларады райтынг: Хуссар Ир ӕмӕ Карабахы сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Степанакерты

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хӕххон Карабахы президенттӕ ӕрдзырдтой дыууӕ республикӕйы ӕхсӕн ахастытӕ сфидар кӕныныл ӕмӕ банысан кодтой Хӕххон Карабахы Европӕйы чемпионат футболӕй ConIFA – 2019 ауадзыны ахсджиагдзинад.

Бибылты Анатолийы балц Хӕххон Карбахмӕ адаргъ уыдзӕн ӕртӕ боны.

Раздӕр президент Бибылты Анатолий сӕвӕрдта венок мемориалон комплексмӕ Степанакерты ӕмӕ дидинджытӕ Хӕххон Карабахы хъахъхъӕнджыты ингӕнтӕм.

Афтӕ ма нывӕндынц бацӕуын республикӕйы сӕудӕджерадон куыстуаттӕм, культурон ӕмӕ историкон объекттӕм.

Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионат футболӕй ConIFA – 2019 баконды.