"Ӕнтыстджын аз": Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Европӕ ӕмӕ дунейы ерысты

Спортсментӕ хайад райсдзысты дунейы егъаудӕр турнирты Уӕрӕсейы командӕйы сконды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕртӕ хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕджы сӕрды хайад райсдзысты Европӕ ӕмӕ дунейы фыццагадты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, фехъусын кодта пресс-конференцийы Цхинвалы спортсменты тренер Коцты Тамерлан.

Спортсментӕ архайдзысты Уӕрӕсейы командӕйы сконды. Турниртӕм балцӕгтӕ хъӕбысӕйхӕцджытӕ райстой Уӕрӕсейы фыццагады хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ацы аз апрелы. Уӕд Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей фембӕлдысты чемпионаты финалы ӕмӕ бацахстой фыццаг дыууӕ бынаты кады пьедесталы.

"Ӕнтыстджын аз": Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Европӕ ӕмӕ дунейы ерысты

"Бестауты Андрей 19 июны ацӕудзӕн Европӕйы фыццагадмӕ Италимӕ. Афтӕ ма Дзӕгъиаты Сослан хайад райсдзӕн Европӕйы фыццагады июны кӕрӕтты Польшайы. Зассеты Арсӕмӕг та архайдзӕн дунейы ерысты Болгарийы августы райдайӕны", - загъта тренер.

Дыццӕджы Коцты Тамерланы хъомылгӕнинӕгтӕн райдайдзӕн рӕвдзытӕ.

"Ацы аз нын уыд ӕнтыстджын. Нӕ хъӕбысӕйхъӕцджытӕ рамбылдтой алкӕцы турниры дӕр, цы ран хайад истой. Ныфс мӕ ис, дарддӕр дӕр сӕхи хорз кӕй равдисдзысты ерысты", - загъта тренер.

Коцты Тамерлан равдыста ныфс, йӕ хъомылгӕнинӕгты егъау уӕлахизтӕ сты нырма разӕй.