ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сидынц аив дзырды дæснытæм æмæ зонадон кусджытæм Хетæгкаты Къостайы премийы конкурсмæ, хъусын кæны йæ организацион комитет.
Преми лæвæрд цæуы алкæцы хаххыл дæр дыууæ азы иу хатт, йæ бæрц у 350 мин сомы.
"Литературæ, аивад, публицистикæ, ирон филологи æмæ историон зонæдты фадыджы архайджытæм Хетæгкаты Къостайы номыл премийы фæдыл къамис хъусын кæны уацмыстæ исыны тыххæй. Куыстытæ ист цæудзысты фыццæгæм августмæ. Хорзæхкæныны церемони æрæмных кæндзысты Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Кандидатты раразмæ кæнын бар ис бынæттон хæдуынаффæйы органтæн, æхсæнадон баиугæндтæн, уагдæттæн, организацитæн, ахуырадон уагдæттæн æмæ сфæлдыстадон коллективтæн.
Хетæгкаты Къостайы номыл премитæ лæвæрд цæуынц Ирыстоны хуссары дæр æмæ цæгаты дæр. Къостайы преми Хуссар Ирыстоны фидар ӕрцыд РХИ президенты указӕй 2009 азы. Хицӕн ӕзты премийы аккаг скодтой фысджытӕ Хъазиты Мелитон ӕмӕ Хъодалаты Герсан, историктӕ Гаглойты Роберт, Гаглойты Юрий, Бигъуылаты Ирина ӕмӕ ӕндӕрты.
Хетæгкаты Къостайы номыл преми лæвæрд цæуы Цæгат Ирыстоны дæр 1964 азæй фæстæмæ. Фыццаг ацы премийы хицау баисты номдзыд лингвист Абайты Уасо æмæ зынгæ фыссæг Мамсыраты Дæбе. Премийы хицæутты номхыгъды ис дунейы нымад ахуыргæндтæ, коллективтæ, аивадон кусджытæ, поэттæ. Се ʻхсæн Жорж Дюмезиль, Джыккайты Шамил, Плиты Грис, Плиты Харитон, Ӕлборты Феликс, Галаты Борис, Дударты Вероника, Бзарты Руслан, Кокайты Тотрадз.