Хуссар Ир ӕмӕ Донецкы Юстицийы министрӕдтӕ бафысдзысты меморандум

Республикӕйы нывӕндынц ауадзын мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сӕвзӕрды афӕдзы бонӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны кусӕгон балцы ис Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) делегаци. Уазджыты ДАР Юстицийы министры фыццаг хӕдивӕг Яков Ходосы сӕргълӕудӕй фӕхуыдтой хуссарирыстойнаг Юстицийы министрады сӕвзӕрды 27-ӕм афӕдзы боны бӕрӕгбонмӕ.

Уазджыты райста Хуссар Ирыстоны Юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ.

"Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ цӕст дарынц цаутӕм, кӕцытӕ цӕуынц Донецкы Адӕмон Республикӕйы. Перманентон хӕстытӕ, экономикон блокадӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты нӕ республикӕйы, рох не сты", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Лалиты Зӕлинӕ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны уайтагъд кӕй сдзаупп кодтой ДАР Уӕлдӕр Советы куырдиатыл сӕ хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй.

"Президенты барамынд уайтагъд бафыстой ӕмӕ нӕ фехӕлдтой ӕхсӕнадӕмон барады нормӕтӕ дӕр", - бахахх кодта министр.

Хуссар Ир ӕмӕ Донецкы Юстицийы министрӕдтӕ бафысдзысты меморандум

Лалиты Зӕлинӕ фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы хсӕн бадзырды бындурыл бафысдзысты ӕхсӕнуагдонон бадзырдтӕ дӕр, ӕмӕ уагдӕтты хсӕн ахастытӕ дарддӕр райтынг кӕндзысты.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ДАР хсӕн барадон ӕмгуыстады нывӕзтыты фӕдыл Меморандум бафыссыны хъӕппӕрис бахаста донецкаг фарс.

Яков Ходос банысан кодта, дыууӕ республикӕйы адӕм кӕй ссисты ӕфсымӕрон. Уый бахахх кодта, ирӕттӕ фыццаг кӕй балӕууыдысты Донецкы фарс.

"Мах райтынг кӕндзыстӕм ӕмгуыстад нӕ министрадты хсӕн закондӕттӕн бындурыл, бафысдзыстӕм фыццаг акт", - загъта уый.

Республикӕйы нывӕндынц ауадзын мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сӕвзӕрды афӕдзы бонӕн.