Хуссар Иры МХМ хъахъхъӕндзӕн ӕвзарӕн фадгуытӕ ӕмӕ не 'руадздзӕн фӕткхӕлдтӕ

Уагдоны рабадтыл ӕрдзырдтой ӕдасдзинады мадзӕлттыл республикӕйы парламентмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕвзӕрстытӕй цалдӕр бон раздӕр рахиздзӕн службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ ӕмӕ хъахъхъӕндзӕн ӕвзарӕн фадгуытӕ, хъусын кӕны ӕртыццӕджы МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзыстӕ 9 июны, ацы бон республикӕйы байгом уыдзысты 73 ӕвзарӕн фадыджы.

"Нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у хъахъхъӕнын ӕхсӕнадон фӕтк. Афтӕ ма милицийыл ис бӕрн ӕххӕст кӕнын ӕвзарӕн закондӕттынад. Уый фӕдыл мах хъуамӕ алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй ӕвзӕрстытӕ ацӕуой ӕнӕ цаутӕй", - банысан кодта МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь уагдоны къухдариуӕгады рабадтыл.

Министр ӕрсидт йӕ кусджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ, ӕвзарӕн закондӕттынад куы фехалой, уӕд.

Хуссар Иры парламент фӕцис дӕсӕм сессийы куыст

Уымӕй дарддӕр ма ӕвзӕрстыты размӕ милицийы кусджытӕ ауадздзысты ӕвзарӕн фадгуыты инженерон-техникон басгӕрст.

Иумӕйагӕй хъӕлӕсдӕттыны бон байгом уыдзысты 77 ӕвзарӕн фадыджы 17 ӕвзарӕн зылды. 73 фадыджы кусдзысты Хуссар Ирыстоны территорийыл, иу – Мӕскуыйы, дыууӕ та минӕварады территорийыл Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ иу Абхазы столицӕ Сухумы.